Кæсæбиты мыггаджы истори. История происхождения фамилии Касабиевых

Страницы: 1 | 2 | 3  >  >>

Кæсæбиты мыггаджы истори
Фарн уæм бадзурæд , Кæсæбиты мыггаг!
Уæ къухмæ цы статья райстат, уый уæ базонгæ кæндзæн нæ мыггаджы равзæрдимæ, сæрыстыр кæмæй уыдыстæм æмæ стæм, уыцы фæрнджын хистæртимæ, нæ кадджын æмæ намысджын æмдугонтимæ.
Мыггаг лæгæй фидауы. Бирæ дзырддзæугæ лæгтæ уыд æмæ ис Кæсæбитæм.
Майсей, Геор, Елбыздыхъо, Созырыхъо, Михайло, Микъа, Пули,Сабан, Дзадте, Анду, Иван, Созырыхъо, Тепсарыхъо, Айдарыхъо, Бицка, Габо, Гого, Гицо, Цæлыкк, Цæрай, Елмырзæ, Хъанцау, Мухар, Солтан,Юрик, Сергей.
Абон куыд не рмысæм Кæсæбиты Митяйы ном дᴂр. Митяйæн зындгонд сты йæ кад æмæ йæ намыс. Ирыстоны, æвæццæгæн Митяйы чи нæ хъуыды кæны, ахæм адæймаг нæй.
Ирон æгъдау æмæ зарæгæй кæд искæй зæрдæ хъæздыг æмæ рæсугъд уыд, кæд йæ адæмæн тохы быдыры дæр æмæ сабыр царды дæр исчи хорз кæстæриуæг бакодта, уæд уый уыд нæ Иры зарæггæнæг Кæсæбиты Митя.
Бокоты Солтан фыста:
Ис хорз лæгтæ нæ хъæуты ,мæ нæ кæмтты,
Цæрæнт дзæбæхæй, кадджынæй фæрнæй,
Ирыстонæн зындгонд ысты сæ нæмттæ.
Уæддæр дзы мбал Хуымæллæггагæн нæй !
Куырыхон лæг Кæсæбиты мыггагæй,
Ныллæг дæ разы къул кæнын мæ сæр!
Дæ хорзы кой нæ Иры хъуысы рагæй.
Хъыгагæн, абон Митя не хсæн нал ис. Цы бæсты и уым дзæнæты бадæд.
Нæ мыггаджы хистæртæ бæрæг дардтой се гъдау æмæ уæздандзинадæй. Сæ ныхасæн кæддæриддæр уыдысты хицау, растæй никуы никæй бафхæрдтой, дзырдтой рæстдзинады фарс.
Уæдæ куыд равзæрд Кæсæбиты мыггаг?
Уæлладжыры комы, Уæллаг Уыналы цардысты дыууæ æфсымæры-Æнтут æмæ Мысыкк. Уæды заман хæхбæсты зæххытæ уыдысты кадавар, æмæ Æнтут алыгъд Дагоммæ.
Æнтут Дагомы æххуырсты бацыд Хнеуы – фыртмæ. Хнеуы- фырт æмæ Æнтутæн сæ бадзырд уыд афтæ: Æнтут хъуамæ Хнеуы-фыртмæ фыййау фæцыдайыд фондз азы бæрц,уыйфæстæ Хнеуы-фырт йæ чызджы р

Страницы: 1 | 2 | 3  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: