Ӕгъдау ӕмӕ лӕгдзинады уӕлахиз Барахьты Гинойы радзырд «Цӕр»-ы

Страницы: 1 | 2  >  >>

Урочы пълан
Темӕ: Ӕгъдау ӕмӕ лӕгдзинады уӕлахиз Барахьты Гинойы радзырд "Цӕр"-ы
Нысан 1. Скъоладзаутӕн бамбарын кӕнын, ӕгъдау ӕмӕ лӕгдзинад кӕддӕриддӕр уӕлахиз кӕнынц. 2. Фыдӕгъдӕуттыл-къух сисын. 3. Фыссӕджы ныстуан адӕммӕ - "Цӕр, мӕ хур!"
Урочы цыд
Ахуыргӕнӕг. Бӕрзонд сгуыхтдзинӕдтӕ чи домы йӕхицӕй, йӕ адӕмы сӕрвӕлтау тохы цӕуынмӕ цӕттӕ чи у ,поэтикон уды хицау чи у, йӕ Райгурӕн бӕстӕ йӕ удӕй- фылдӕр чи уарзы, ахӕм у Барахьты Гино. Гино йе сфӕлдыстады ӕвдисы адӕмы ӕгьдау, ӕхсардзинад, фыдӕгьдӕуттӕ, фӕлӕ Бӕстырӕсугьдау йӕ цард нывонд у йӕ адӕмӕн, йӕ дзыллӕйӕн.
Проблематикон фарст
Фӕлӕ цымӕ ногӕй цы бахаста Гино уыцы цардмӕ ӕмӕ литературӕмӕ? Ахуыргӕнӕг. Цавӕр фыдӕгьдӕуттӕ зонут? Скъоладзау. Тугисын, ирӕд, хьоды. Ахуыргӕнӕг. Гино ма ноджыдӕр уыдонмӕ ӕфтауы хист (хьӕздыг хистытӕ). Нӕ фысджытӕй уыцы темӕтӕ кӕмӕ уыдысты? Скъоладзау. Хъаныхъуаты Иналмӕ, Коцойты Арсенмӕ, Хетӕгкаты Къостамӕ, Гӕдиаты Секъамӕ, Токаты Алиханмӕ, Брытъиаты Елбыздыхъомӕ Скъоладзаутӕ дзурынц, цавӕр уацмыстӕ зонынц, уыдон. Ахуыргӕнӕг. Гино йӕ радзырд "Цӕр" ныффыста рӕсугьд фӕндиаджы охыл, кӕд фехъуысид адӕммӕ. Цалынмӕ дӕ туджджынӕн мӕлӕты тӕрхон хӕссай, уӕдмӕ йыл ӕхьуыды кӕн:-Чи зоны уыцы туджджын йӕ хъалӕй не сси лӕгмар? Чи зоны, хуыздӕр у ӕгъдауыл бафидауын, кӕд уыцы тугдарӕг аккаг адӕймаг у, уӕд.
Мидис цыбырӕй
Скъоладзау. Пхалӕгаты Кьомбох дзуары бын фӕбыцӕу ӕмӕ йӕ амардта хъамайы цӕфӕй. Мулдан Мысырбийы ӕфсымӕр зилы Кьомбохы фӕдыл,ныллӕууыд тугисыны фӕндагыл: "туг тугӕй ӕхсадӕуы. " Къомбох йӕхи хизы хъӕбатыр ӕмӕ арӕхстджын тугисӕгӕй. Сарӕзта йӕхицӕн мӕсыг ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы. Ахуыргӕнӕг. Уыцы ӕнхъӕлмӕ каст цавӕр рӕстӕг уыд Къомбохӕн? Скъоладзау. Ӕвирхъау фыдӕвзарӕн - фӕндыди йӕ тагъддӕр мард куы фӕуид. Ахуыргӕнӕг. Ахӕм ца

Страницы: 1 | 2  >  >>
Рейтинг
Оцени!
Поделись конспектом: