Гом урок 7 "А" къласы
"Дæ кад мыггагмæ у цæринаг"
Дзасохты М. Ф.
15. 10. 20г.
Темæ: "Дæ кад мыггагмæ у цæринаг"
Урочы эпигрæф:
"Къоста йæхи радта цардæн, æмæ йын цард дæр радта адæмы хорзæх ,æнусон кад æмæ цыт".
Нигер.
Нысантæ:
1. Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ æвзæрын кæнын цымыдис æмæ уарзондзинад.
2. Райгуырæн бæстæ уарзын, адæмыл аудын, царды æппæт фæзилæнты дæр уæздан уæвын-алы адæймагæн дæр царды сæйраг хæстæ.
3. Ахуыргæнинæгты зæрдæты æвзæрын кæнын уарзондзинад ирон аив дзырдмæ, ирон аивадмæ.
Урочы фæлгонц: презентаци, дзырдуат, видео, музыкæ, карточкæтæ.
Урочы цыд:
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
II. Мотивацион уавæр.
Бакæсын видеомæ æмæ йыл æрдзурын:
- Загъут-ма уæдæ, абон нæ урочы кæй кой кæндзыстæм?
- Чи уыд Хетæгкаты Къоста? (1 слайд)
- Кæд æмæ кæм райгуырд Къоста? (2 слайд)
- Цы зонут йæ ныййарджыты тыххæй? ( 3слайд)
- Кæм ахуыр кодта?
- Цы хуыйны йе мдзæвгæты æмбырдгонд?
(4 слайд)
III. Ног æрмæг
1. Фонетикон зарядкæ:
Раст дзурут - æрхæссы, дзыллæ, ссыдис, ныррухс кодта, свæййы, цыппор, йеддæмæ.
2. Дзырдуатон куыст
мыггагмæ-вечно
хорзæх-награда;милость,благодеяние
кад-почёт,слава,честь
цыт-слава,честь,почёт
намысджын-славный,прославленный
æхсар-мужество,отвага
уд-дух,душа
фæрнæйдзаг-благодатный,счастливый
3. Текстимæ куыст
-бакæсæм текст æмæ йæ равзарæм.
- Йæ сæргондмæ гæсгæ, нæ бон зæгъын у, цæуыл цæудзæн ныхас тексты?
- Тексты сæргонд у "Адæмы уарзон бæрæгбон", уæдæ тексты ныхас цæудзæн бæрæгбон
Страницы: 1 | 2 | 3 > >>