м чингуытæ: "Ирон æвзаг æмæ фольклор", "Уырыссаг-ирон дзырдуат" æмæ "Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат, 5 томæй арæзт". Васо йыл фӕкуыста уӕлдай зӕрдиагӕй. Ацы стыр куыстæй базонæн ис дзырдты равзæрд æмæ уыдонæй ныхасы пайда кæныны фæтк, стæй ма дзы бакæсæн ис алыхуызон адæмты цардæй ист цымыдисаг хабæрттæ æмæ цауты тыххæй.
Дунейы ахуыргӕндтӕ дзырдуаты цыппар томӕй алкӕцыйылдӕр сӕмбӕлдысты тынг ӕхсызгонӕй. Уыцы диссаджы фæллоймæ адæм сæ цæстæнгас равдыстой ахæм дзырдтæй: "ахъаззаг куыст", "диссаджы дзырдуат", "тынг ахсджиаг куыст". Ацы дзырдуат æппæты æххæстдæрæй равдыста Васойы бирæ зонындзинæдтæ. Уыдонмæ уый фыццаг къахдзæфтæ акодта, йæ хъæу Къобы райдайæн скъолайы. Фæстæдæр йæ ахуыр дарддæр ахæццæ кодта Тифлисы гимназы, стæй та - Ленинграды паддзахадон университеты.
Ахуыры фæстæ Васо куыста Тифлисы, стæй та Дзæуджыхъæуы, фæлæ йæ царды фылдæр хай арвыста Мæскуыйы, Æвзагзонынады институты. Йæ зæрдиаг фæллойы тыххæй йын хицауад саккаг кодта цалдæр кадджын хæрзиуæджы.
Васо фӕзминаг уыдис, куыд адӕймаг, афтӕ дӕр. Стыр ахуыргонд уӕвгӕйӕ, уыдис хуымӕтӕг ӕмӕ уӕздан.
Абайты Васо абон дæр рох нæу нæ адæмæй. Уый цӕры канд йӕ наукон фӕллӕйтты нӕ, фӕлӕ йӕ зонгӕтӕ ӕмӕ йӕ ахуырдзауты зӕрдӕты, Ирыстоны фысджытӕ ӕмӕ нывгӕнджыты арӕзт сурӕтты.
3. Тексты ссарут ахæм бынæттæ:
1. Биографические данные о Васо Абаеве.
2. Вопросы, рассматриваемые в "Историко-этимологическом слов
4. Фӕрстытӕн текстмӕ гӕсгӕ дзуапп ратт:
-Кӕй ӕфтауынц дисы Васойы куыстытӕ?
-Цавӕр чингуытӕ ныффыста Абайты Васо?
-Йӕ наукон куыстыты нымӕц?
-Уыдоны хсӕн зындгонддӕр кӕцытӕ сты?
-Цытӕ базонӕн ис Васойы дзырдуатӕй?
-Цавӕр адӕймаг уыдис Васо?
-Адӕм Васойы цӕуылнӕ рох кӕнынц?<
Страницы: << < 1 | 2 | 3 > >>